19 Уымӕн ӕмӕ бацӕуы йӕ зӕрдӕмӕ нӕ, фӕлӕ йӕ гуыбынмӕ, ӕмӕ стӕй рацӕуы ӕддӕмӕ». Уыцы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, алы хӕринаг дӕр сыгъдӕг кӕй у, уый.
Нӕ йӕ зонут, адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цыдӕриддӕр бацӕуы, уый гуыбынмӕ кӕй ныфты, стӕй та ӕддӕмӕ кӕй рацӕуы?
Уый сын бауайдзӕф кодта: «Ау, сымах дӕр афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ӕви йӕ нӕ зонут, адӕймаджы хуылфмӕ ӕддейӕ цы бафты, уый йӕ кӕй нӕ фӕчъизи кӕны?
Уӕ тӕбӕгъы цы ис, уымӕй искӕмӕн куы фӕхай кӕнат, уӕд уын алцыдӕр уыдзӕни сыгъдӕг.
Уӕд ӕм дыккаг хатт ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ды ӕлгъагыл ма нымай».
Хъӕлӕс мын уӕларвӕй дыккаг хатт дзуапп радта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай“.
Хойраг гуыбынӕн у, гуыбын та — хойрагӕн, фӕлӕ Хуыцау сӕ дыууӕйы дӕр фесафдзӕни. Буар та хӕтынӕн нӕ, фӕлӕ Бардарӕгӕн у, Бардарӕг та буарӕн дӕр йӕ хицау у.
Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй исты бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй.