Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 7:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уый сын бауайдзӕф кодта: «Ау, сымах дӕр афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ӕви йӕ нӕ зонут, адӕймаджы хуылфмӕ ӕддейӕ цы бафты, уый йӕ кӕй нӕ фӕчъизи кӕны?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 7:18
12 Iomraidhean Croise  

Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ, дзыхӕй цы рацӕуы, уый».


Ау, Мӕ ныхас дзулы тыххӕй кӕй нӕ уыд, уый куыд не ’мбарут? Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».


Загъта ма сын: «Кӕд ацы фӕсномыг ныхас не ’мбарут, уӕд иннӕ ӕмбисӕндтӕ та куыд бамбардзыстут?


Йесо адӕмы куы ныууагъта ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой, уыцы фӕсномыг ныхас цы амоны, зӕгъгӕ.


Уымӕн ӕмӕ бацӕуы йӕ зӕрдӕмӕ нӕ, фӕлӕ йӕ гуыбынмӕ, ӕмӕ стӕй рацӕуы ӕддӕмӕ». Уыцы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, алы хӕринаг дӕр сыгъдӕг кӕй у, уый.


Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Куыд зынтӕй ӕууӕндут, пехуымпартӕ рагуацы хуызы цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл!


Йесо йын дзуапп радта: «Ды Израилы адӕмы ахуыргӕнӕг куы дӕ, уӕд ӕй нӕ зоныс?


Ӕз уӕ хастон ӕхсырӕй, хъӕбӕр хӕринаг та уын нӕ лӕвӕрдтон, йӕ бахӕрын уӕ бон кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ; ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр нӕу уӕ бон йӕ бахӕрын,


Уый тыххӕй ма ноджы фылдӕр радзуриккам, фӕлӕ йӕ сымахӕн бамбарын кӕнын зын у, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan