Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 7:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йесо адӕмы куы ныууагъта ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой, уыцы фӕсномыг ныхас цы амоны, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 7:17
10 Iomraidhean Croise  

Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ӕмбисӕндтӕй сын цӕмӕн амоныс?»


Йесо адӕмы ауагъта ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхти. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм бахатыдысты: «Бамбарын нын кӕн фӕсномыг ныхас хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй».


Уӕд Ӕм Петр бахатыди: «Бамбарын нын кӕн ацы фӕсномыг ныхас».


Цалдӕр боны фӕстӕ Йесо ӕрбаздӕхти Капернауммӕ. Хӕдзары кӕй ис, уый адӕмыл айхъуысти.


Йесо фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбацыди. Уый бӕрц адӕм та сӕм ӕрбамбырд ис, ӕмӕ сын къӕбӕр ахӕрыны фадат дӕр нал уыди.


Адӕм куы ацыдысты, уӕд Ӕй дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ ма уым семӕ чи баззади, уыдон бафарстой, фӕсномыгӕй цӕмӕн дзурыс, зӕгъгӕ.


Ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй сын ницы дзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та алцыдӕр хибарӕй ӕмбарын кодта.


[Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!]»


Уый сын бауайдзӕф кодта: «Ау, сымах дӕр афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ӕви йӕ нӕ зонут, адӕймаджы хуылфмӕ ӕддейӕ цы бафты, уый йӕ кӕй нӕ фӕчъизи кӕны?


Йесо хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бафарстой: «Дӕлимоны расурын мах бон цӕуылнӕ баци?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan