14 Йесо ногӕй фӕсидти адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут Мӕм иууылдӕр ӕмӕ бамбарут!
Илийа адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Уӕ дыууӕ къахӕй ма бирӕ къуылых цӕудзыстут, цас ракӕ-бакӕ кӕнут? Кӕд Дунедарӕг у уӕ Хуыцау, уӕд Уымӕн кувут, кӕд Баал, уӕд та — уымӕн!» Адӕмӕй хъыпп-сыпп ничи сфӕрӕзта.
Миха йын загъта: «Сӕрӕгасӕй куы ӕрбаздӕхай, уӕд Дунедарӕг нӕ дзырдта мӕн уылты». Ноджы-ма бафтыдта: «Мӕ ныхас уӕ ма ферох уӕд, мӕнӕ адӕм!»
фӕлварӕн бон Меривайы, ӕдзӕрӕг быдыры, Массӕйы, куыд уыдыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут.
Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!
Уӕд Уый загъта: «Ацу ӕмӕ уыцы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Хъусут ӕмӕ хъусут, фӕлӕ ма бамбарут! Кӕсут ӕмӕ кӕсут, фӕлӕ ма фенут!“
Уый фӕстӕ Йесо фӕсидти адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ бамбарут!
Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас ивут уӕхи ӕвӕрд ӕгъдауӕй ӕмӕ ма ноджы бирӕ ӕндӕр ахӕм митӕ кӕнут».
Адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ ӕддейӕ цы бацӕуы, уый йӕ нӕ фӕчъизи кӕны, фӕлӕ дзы ӕддӕмӕ цы рацӕуы, уый.
Уӕдмӕ уый бӕрц адӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ дзы азмӕлӕн дӕр нал уыди. Йесойӕн йӕ фыццаг ныхас уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм: «Уӕхи хизут фарисейты ӕнхъизӕнӕй — цӕстмӕхъусдзинадӕй.
Филипп къареты цурмӕ куы базгъордта, уӕд фехъуыста, эфиопаг пехуымпар Исайайы чиныг куыд касти, уый. Уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?»