8 ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Лӕдзӕгӕй дарддӕр мацы райсут уемӕ фӕндагмӕ — нӕдӕр хойраг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр ӕхца уӕ роны.
Уӕ къахыл хуымӕтӕг дзабыртӕ скӕнут, фӕстауӕрцӕн дарӕс ма райсут уемӕ».
Уемӕ фӕндагмӕ ма райсут нӕдӕр ӕхцайы чыссӕ, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй салам дӕттынмӕ дӕр макӕмӕ ӕрлӕуут.
Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы чыссӕйӕ, ӕнӕ хордзенӕй ӕмӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй фӕндагыл куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат, мыййаг?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».
Бафӕдзӕхста сын: «Мацы райсут фӕндагмӕ — нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр хойраг, нӕдӕр ӕхца, нӕдӕр ивӕн дарӕс.