6 Диссаг Ӕм каст, кӕй ницы сӕ уырны, уый. Йесо зылди хӕстӕг хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы.
Стыр дисы бафтыд, сӕрылхӕцӕг кӕй нӕ разынд, ууыл. Ӕмӕ Йын уӕд Йӕхи къух ӕрхаста уӕлахиз, Йӕ раст тӕрхон Ын баххуыс кодта.
Искӕцы адӕм ма сӕ хуыцӕуттӕй аздӕхтысты, кӕд ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ не сты, уӕддӕр? Мӕ адӕм та сӕ кадджын Хуыцауы ӕнӕпайда гуымирытыл баивтой.
Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.
Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон.
Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр дзӕбӕх кодта.
Ӕмӕ Галилейы ӕппӕт синагогӕты хъусын кодта Фарны Уац, адӕмы ирвӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй.
Уырдыгӕй Йесо ацыд Иудейы зӕхмӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызти. Адӕм та Йыл ногӕй ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ та сын иннӕ хӕттытау амыдта.
Йесо зылди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы. Йӕ фӕндаг дардта Йерусалиммӕ.
Ӕрцыд галилейаг сахар Капернауммӕ ӕмӕ сабаты ахуыр кодта адӕмы.
Ӕмӕ Фарны Уац дарддӕр хъусын кодта Иудейы синагогӕты.
Уыцы лӕг та сын загъта: «Диссаг дӕр уый у, ӕмӕ кӕцӕй у, уый нӕ зонут, афтӕмӕй мӕн та цӕстӕй ракӕсын кодта.
Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.