Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:52 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

52 уымӕн ӕмӕ дзулты диссаг дӕр нӕ бамбӕрстой — сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:52
9 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!


Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.


Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.


Уый сын бауайдзӕф кодта: «Ау, сымах дӕр афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ӕви йӕ нӕ зонут, адӕймаджы хуылфмӕ ӕддейӕ цы бафты, уый йӕ кӕй нӕ фӕчъизи кӕны?


Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Куыд зынтӕй ӕууӕндут, пехуымпартӕ рагуацы хуызы цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл!


«Уый сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон».


Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис? Израил цӕмӕ тырныдта, уый нӕ райста. Ӕвзӕрстытӕ йӕ райстой, иннӕтӕн та сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan