49 Уыдон Ӕй денджызыл цӕугӕ куы федтой, уӕд Дзы ӕндӕрг фенхъӕлдтой ӕмӕ хъӕр систой.
Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ, денджызты рӕгътыл лӕгӕрды.
Ӕмӕ федта, ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъару кӕй басасти, уый, уымӕн ӕмӕ дымгӕ дымдта сӕ ныхмӕ. Нӕма ӕрбабон ис, афтӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй, ӕмӕ хъавыди сӕ иувӕрсты аивгъуыйын.
Уымӕн ӕмӕ Йӕ се ’ппӕт дӕр федтой ӕмӕ фӕтарстысты. Фӕлӕ сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».
Уыдон фыр тӕссӕй сагъдау аззадысты — афтӕ фенхъӕлдтой, цыма ӕндӕрг уынынц.