Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:48 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

48 Ӕмӕ федта, ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъару кӕй басасти, уый, уымӕн ӕмӕ дымгӕ дымдта сӕ ныхмӕ. Нӕма ӕрбабон ис, афтӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй, ӕмӕ хъавыди сӕ иувӕрсты аивгъуыйын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:48
16 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ сӕм бахатыди: «Ме ’лдӕрттӕ, уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсом раджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм».


Йаковӕн загъта: «Суадз Мӕ, бон фӕрухс кӕны». Йаков ын афтӕ: «Цалынмӕ мын арфӕ ракӕнай, уӕдмӕ Дӕ не суадздзынӕн».


Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ, денджызты рӕгътыл лӕгӕрды.


Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!


Сӕ ныхӕстӕ — къӕйных, сӕ фыдракӕндтӕй ӕппӕлынц.


Боныцъӕхтыл Дунедарӕг арты цӕджындз ӕмӕ мигъы цӕджындзӕй ракасти Мысыры ӕфсадмӕ, ӕмӕ уыдон фыр тӕссӕй барызтысты.


Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.


Бӕлӕгъ та уӕдмӕ тынг адард ис былгӕронӕй, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ хостой, уымӕн ӕмӕ цыди дымгӕйы ныхмӕ.


Сымах зонут: хӕдзары хицау, хуыснӕг ӕм кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд фынӕй дӕр нӕ бакӕнид ӕмӕ йӕ къуымтӕ фӕкъахын дӕр нӕ бауадзид.


Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, хӕдзары хицау кӕд ӕрбаздӕхдзӕн, уый: изӕрӕй, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви сӕумӕрайсом.


Изӕрдалынгты бӕлӕгъ бахӕццӕ ис денджызы астӕумӕ, Йесо та иунӕгӕй уыди доны былыл.


Уыдон Ӕй денджызыл цӕугӕ куы федтой, уӕд Дзы ӕндӕрг фенхъӕлдтой ӕмӕ хъӕр систой.


Тӕхудиаг сты, кӕдфӕнды куы ӕрбацӕуа — ӕмбисӕхсӕв уа ӕви боныцъӕхтыл — сӕ хицау фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ.


Цы хъӕумӕ цыдысты, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Йесойы фӕндыд дарддӕр цӕуын.


Уыдон нӕдӕр тугӕй, нӕдӕр буары монцӕй, нӕдӕр зӕххон адӕймаджы фӕндӕй райгуырдысты — Хуыцауӕй рантыстысты.


Дыккаг райсом Саул адӕмы фӕдих кодта ӕртӕ къордыл, ӕмӕ уыдон сӕумӕйӕ знаджы рӕсӕнуаты смидӕг сты. Сихорафонмӕ дӕрӕн кодтой аммонӕгты. Чи ма сӕ аирвӕзти удӕгасӕй, уыдон фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты, дыууӕ лӕджы дӕр дзы нал аззад иумӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan