Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Афтӕ дыууӕ кӕсаджы дӕр се ’ппӕтыл дӕр байуӕрста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:41
22 Iomraidhean Croise  

Адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, стӕй дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл.


райста авд дзулы ӕмӕ кӕсӕгтӕ, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, ахуыргӕнинӕгтӕ та сӕ байуӕрстой адӕмыл.


Хӕргӕ ма куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, асаста йӕ, ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».


Фынджы уӕлхъус куы ӕрбадтысты, уӕд Йесо Йӕ къухмӕ райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».


Адӕм рӕнхъгай ӕрбадтысты, иу къорды — фондзыссӕдз кӕнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймаджы.


Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты.


Уый фӕстӕ арвмӕ скасти, арф ныуулӕфыд ӕмӕ загъта: «Эффата», ома: «Байгом у».


Ӕз фондз дзулы фондз мин лӕгыл куы байуӕрстон, уӕд ма уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?» Загътой Йын: «Дыууадӕс».


Ӕмӕ Йесо фынгыл семӕ куы ӕрбадти, уӕд райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта.


Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скасти уӕларвмӕ, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм радта, цӕмӕй сӕ адӕмӕн байуарой.


Дур айстой. Йесо арвмӕ скасти ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дӕн Дӕуӕй, кӕй Мӕ фехъуыстай, уый тыххӕй.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, рӕстӕг ӕрхӕццӕ. Скадджын кӕн Дӕ Фырты, цӕмӕй Дӕ скадджын кӕна Дӕ Фырт дӕр.


Йесо райста кӕрдзынтӕ, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ адӕмыл райуӕрста. Кӕсаг дӕр сын радта, кӕй цас хъуыди, уый бӕрц.


Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрбацыдысты ӕндӕр бӕлӕгътӕ ӕмӕ, Бардарӕджы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Павел райста дзул, се ’ппӕты раз арфӕ ракодта Хуыцауӕн, асаста йӕ ӕмӕ райдыдта хӕрын.


Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нымайы. [Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нӕ нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нӕ нымайы.] Чи хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн хӕры, уымӕн ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн. Чи нӕ хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн нӕ хӕры, ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн.


Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.


Ӕмӕ-иу куы бахӕрат ӕмӕ куы бафсӕдат, уӕд-иу кӕддӕриддӕр арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ахӕм диссаджы бӕстӕ уын кӕй радта, уый тыххӕй.


Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.


Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд ӕй уайтагъд ссардзыстут. Фӕтагъд кӕнут, цалынмӕ кувӕн къуыбырмӕ нӕма ссыди куывдмӕ, уӕдмӕ. Ӕнӕ уымӕй куывддзау адӕм нӕ саходдзысты — уый нывонд куы ныххӕлар кӕна, ӕрмӕст уӕд райдайдзысты хӕрын. Цӕут ӕмӕ йӕ баййафдзыстут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan