Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Уӕд сын бафӕдзӕхста, адӕмы иууылдӕр цъӕх кӕрдӕгыл къордгай ӕрбадын кӕнут, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:39
9 Iomraidhean Croise  

федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах.


Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл,


Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис? Ацӕут ӕмӕ фенут». Уыдон сӕ федтой ӕмӕ Йын загътой: «Фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы».


Адӕм рӕнхъгай ӕрбадтысты, иу къорды — фондзыссӕдз кӕнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймаджы.


(Уым уыди фондз мин лӕджы бӕрц.) Фӕлӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут къордгай — алы къорды дӕр дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕрц куыд уа».


Ӕмӕ сын уӕд Йесо афтӕ зӕгъы: «Ӕрбадын сӕ кӕнут». Уыцы ран уыди бирӕ кӕрдӕг. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕрбадтысты; ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ уыдысты фондз мины бӕрц.


уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕмтъерыйы Хуыцау нӕу, фӕлӕ у фарндӕттӕг Хуыцау. Уыцы фарнӕй хайджын сты сыгъдӕджыты ӕппӕт аргъуантӕ.


Ӕппӕт дӕр уӕд нывыл ӕмӕ ӕгъдауыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan