Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын райдыдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:34
19 Iomraidhean Croise  

Уӕд ын Миха дзуапп радта: «Ӕз уынын: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фыстау ныххӕлиу уыдзӕни хӕхтыл. Дунедарӕг зӕгъы: хицау сын нӕй ӕмӕ сӕ алчидӕр сӕрӕгасӕй фарнимӕ бацагурӕд йӕ хӕдзар».


Миха йын дзуапп радта: «Ӕз федтон: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фысты дзугау ныххӕлиу сты хӕхтыл. Ӕмӕ Дунедарӕг загъта: „Хицау сын нӕй, ӕмӕ ма цалынмӕ сӕрӕгас сты, уӕдмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхӕнт фарнимӕ“».


Уӕд ӕцӕгӕлӕттӕй алчидӕр тарст сычъийау, дзӕгъӕл фысау лидзӕг фӕуыдзӕни йӕхи адӕм, йӕхи бӕстӕм.


Мӕ адӕм сдзӕгъӕл сты фыстау, сӕ фыййӕуттӕ сӕ раст фӕндагӕй аздӕхтой ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кодтой. Хӕхтыл ӕмӕ къуыбыртыл адзӕгъӕл сты, сӕ цӕрӕнбынат сӕ ферох ис.


Мӕ фос ныххӕлиу сты ӕнӕ фыййауӕй, хъӕддаг сырдты амӕттаг баисты.


Хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ та сайгӕ кӕнынц; дӕснытӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ уынынц ӕмӕ мӕнг фынтӕ дзурынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц тутт ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм фыстау сдзӕгъӕл сты, фыййау сын нӕй.


балцы цӕугӕйӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ дӕр сӕ разӕй чи цӕуа, йӕ фӕдыл кӕнын сӕ йӕ бон кӕмӕн уа ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ дӕр чи ’рбакӕна, цӕмӕй Дунедарӕджы дзыллӕ ӕнӕфыййау дзуджы хуызӕн ма уа».


Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.


Йесо фӕсидти Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны Мемӕ сты ӕмӕ, цы бахӕрой, уый сын нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та Мӕ нӕ фӕнды — фӕндагыл бастайдзысты».


Бирӕ адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй.


Фӕлӕ сӕ уӕддӕр уынӕг фӕци, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ базыдтой. Уыйадыл ӕппӕт сахартӕй адӕм фистӕгӕй атындзыдтой ӕмӕ сӕ разӕй фесты.


Бонӕй бирӕ нал уыди, афтӕ Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, бон та фӕивгъуыйы.


Иу рӕстӕджы ногӕй бирӕ адӕм куы ӕрӕмбырд ис ӕмӕ та, цы бахӕрой, уый сын куы нӕ уыд, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта:


«Ацы адӕм ныр ӕртӕ боны дӕргъы Мемӕ сты, ӕмӕ сӕм хӕринаг ницы ис. Тӕригъӕд сты афтӕмӕй.


Фӕлӕ адӕм уый куы базыдтой, уӕд Йӕ фӕдыл агуылф кодтой. Йесо сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлди, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын дзырдта, дзӕбӕх кодта, дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыди, уыдоны.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan