Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Йесо сын загъта: «Хибар ранмӕ ацӕут ӕмӕ иу чысыл уӕ фӕллад суадзут». Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕг ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхӕг адӕм уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ сӕ хӕрынмӕ дӕр не ’вдӕлди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:31
5 Iomraidhean Croise  

Уый фехъусгӕйӕ, Йесо уырдыгӕй бӕлӕгъы иунӕгӕй хибар ранмӕ йӕхи айста. Адӕм уый куы базыдтой, уӕд сахартӕй Йӕ фӕдыл фистӕгӕй ацыдысты.


Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.


Йесо фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбацыди. Уый бӕрц адӕм та сӕм ӕрбамбырд ис, ӕмӕ сын къӕбӕр ахӕрыны фадат дӕр нал уыди.


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ денджызы ’рдӕм ацыди. Йӕ фӕдыл агуылф кодта тынг бирӕ адӕм — Галилей, Иудей,


Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan