29 Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд ӕрбацыдысты, йӕ мард ын ахастой ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой.
Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, паддзӕхты зӕппадзы, уымӕн ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ арӕзта Израилы, лӕггад кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ Кувӕндонӕн.
Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты, йӕ мард ын рахастой ӕмӕ йӕ баныгӕдтой, стӕй ацыдысты ӕмӕ хабар радзырдтой Йесойӕн.
Хъахъхъӕнӕг ацыд, ахӕстоны Иоаннӕн йӕ сӕр акъуырдта ӕмӕ йӕ тӕбӕгъыл чызгӕн ӕрбахаста, уый та йӕ радта йӕ мадмӕ.
Апостолтӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йесойӕн, цы сарӕзтой ӕмӕ адӕмы цӕуыл сахуыр кодтой, ӕппӕт уыдӕттӕ радзырдтой.
Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.