28 Хъахъхъӕнӕг ацыд, ахӕстоны Иоаннӕн йӕ сӕр акъуырдта ӕмӕ йӕ тӕбӕгъыл чызгӕн ӕрбахаста, уый та йӕ радта йӕ мадмӕ.
Уыдон мидӕмӕ бацыдысты. Йевосфет хуыссыди йӕ сынтӕджы. Ныррӕхуыстой йӕ ӕмӕ йӕ амардтой, йӕ сӕр ын ракодтой ӕмӕ йӕ семӕ рахастой. Иорданы дӕлвӕзы ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыдысты.
Йегуйӕн уыцы хабар куы фехъусын кодтой, уӕд загъта: «Кулдуары ӕрбацӕуӕны сӕ дыууӕ цӕнды скӕнут ӕмӕ сӕ райсоммӕ афтӕмӕй ныууадзут».
Чызг, йӕ мады ардыдӕй, загъта: «Ардӕм мын аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахӕсс».
Уайтагъд йӕ хъахъхъӕнджытӕй иуы Иоанны сӕр ӕрбахӕссынмӕ арвыста.
Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд ӕрбацыдысты, йӕ мард ын ахастой ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой.