26 Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ чызгӕн «нӕ» зӕгъын нал сфӕрӕзта.
Уӕд паддзах Йоавӕн загъта: «Дӕ фӕндон дын ӕххӕст кӕнын. Ацу ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрбакӕн уыцы лӕппуйы, Авессаломы».
Паддзах уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд ӕмӕ хурныгуылдмӕ Даниилы фервӕзын кӕныныл архайдта.
Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ, йӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта чызджы курдиат сӕххӕст кӕныны тыххӕй.
Чызг уайтагъд фӕстӕмӕ фездӕхт ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Гъертӕккӕ мын Аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл мӕ разы авӕр».
Уайтагъд йӕ хъахъхъӕнджытӕй иуы Иоанны сӕр ӕрбахӕссынмӕ арвыста.