Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Иродиадӕйы чызг сӕм бацыд ӕмӕ сын кафыди. Ирод ӕмӕ уазджыты зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Цы дӕ хъӕуы, уый зӕгъ, ӕмӕ дын ӕй ратдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:22
6 Iomraidhean Croise  

Куы банозтджын, уӕд Балтасар, йӕ фыд Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй ӕрбаласта, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист кӕхцытӕ ӕрбахӕссын кодта. Паддзах, йе ’лдӕрттӕ, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ Хуыцауы хӕдзары сыгъзӕрин кӕхцытӕй сӕн нуӕзтой ӕмӕ кад кодтой сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕн, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн.


„Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ дзынӕзтат“.


Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.


Фӕлӕ Иродӕн йӕ гуырӕнбон куы уыди, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыди уазджыты раз. Ироды зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan