21 Иродиадӕйӕн фадат фӕзынди Ироды гуырӕнбоны. Ирод куывд скодта ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ Галилейы уӕздӕтты фӕхуыдта.
Исав фӕфыдӕх ис Йаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Йаковы».
Ӕртыккаг бон уыди фараоны гуырӕнбон, ӕмӕ куывд скодта йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн. Йӕ дӕлдӕрты раз бӕрзонд систа йӕ хистӕр дзагдары ӕмӕ йӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы:
Естеры кадӕн паддзах стыр куывд скодта йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн. Сӕ фиддонтӕ фӕкъаддӕр сты йӕ паддзахады алы бӕстӕйӕн дӕр, йӕ зӕрдӕйы хорзӕй паддзахы лӕвӕрттӕ фӕкодта.
Нӕ паддзахы бӕрӕгбоны ӕлдӕрттӕ уый бӕрц сӕн бануӕзтой, ӕмӕ рынчынты хуызӕн систы, паддзах та уыцы цъаммартӕм йӕ къух бадардта.
Уыцы цау ӕрцыди кесӕр Тиверийы паддзахиуӕджы фынддӕсӕймаг аз. Уӕд Понтий Пилат хицауиуӕг кодта Иудейы, Ирод — Галилейы, йе ’фсымӕр Филипп — Итурей ӕмӕ Трахониты, Лисани — Абилинийы,
Дыккаг бон Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ хъӕздыгарӕзтӕй бацыдысты тӕрхондонмӕ, ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы.
Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.
Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыцы дыууӕ пехуымпары уыдысты удхары хос.