Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:20
21 Iomraidhean Croise  

Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ.


Елисей мӕлӕтдзаг низӕй фӕрынчын ис. Куы ӕруатон, уӕд ӕй Израилы паддзах Йоаш бабӕрӕг кодта ӕмӕ йӕ сӕрмӕ фӕкуыдта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды куы дӕ Израилӕн йӕ хӕстон уӕрдон дӕр ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг дӕр!»


Уӕд Израилы паддзах Елисейы бафарста: «Уӕд та сӕ ныццӕгъдин, мӕ фыдыхай?»


Цалынмӕ сауджын Йехода ӕгас уыди, уӕдмӕ Иоас ӕдзухдӕр кодта, Дунедарӕгӕн фӕндон цы уыди, уыдӕттӕ.


Цалынмӕ Захариа ӕгас уыд ӕмӕ йӕ Хуыцауы тасыл ахуыр кодта, уӕдмӕ агуырдта Хуыцауы, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаг дӕр ӕнтысти.


Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм ракастысты хӕлар цӕстӕй. Уӕдӕ Моисейӕн та стыр кад уыдис фараоны дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры хуымӕтӕг адӕмы ’хсӕн.


Ды сын уыдзынӕ ӕхцон зарӕггӕнӕг, зӕрдӕмӕдзӕугӕ хъӕлӕс кӕмӕн ис, ахӕм, арӕхстджын фӕндырдзӕгъдӕг. Ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты.


Йӕ сыфтӕр уыдис алӕмӕты рӕсугъд, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕфсӕста. Йӕ быны цардысты сырдтӕ, ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиуты ’хсӕн ахстӕттӕ кодтой.


ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“


Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах, дӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕрзиуджытӕ дӕхи уӕнт. Ӕз дын ӕнӕ уымӕй дӕр ацы фыст бакӕсдзынӕн ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъдзынӕн.


Ӕмӕ кӕд Ироды фӕндыди Иоанны амарын, уӕддӕр тарстис адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой.


„Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц».


Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ уый фехъуыстой ӕмӕ агуырдтой Йӕ амарыны фадат. Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуырад ӕппӕт адӕмы дисы ӕфтыдта, ӕмӕ Дзы тарстысты.


Дурджын ран кӕй байтыдӕуыд, уыдоны ӕнгӕс та сты ахӕм адӕймӕгтӕ: куыддӕр ныхас фехъусынц, афтӕ йӕ, цингӕнгӕ, сӕ зӕрдӕмӕ айсынц,


Иоанн уыди цырагъ — сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та уыцы цыбыр рӕстӕг фӕндыди йӕ рухсмӕ цин кӕнын.


Иууылдӕр рохстӕй аззадысты ӕмӕ кӕрӕдзийы дисгӕнгӕ фарстой: «Уый, цымӕ, цы уа?»


Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты — цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan