Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Сабат куы ралӕууыд, уӕд синагогӕйы амонын райдыдта. Бирӕ адӕм Ӕм хъуыста, ӕмӕ иууылдӕр дисгӕнгӕ дзырдтой: «Ӕппӕт уыдӕттӕ кӕцӕй зоны? Уагӕры Йын цавӕр уӕлзонд рардӕуыди? Куыд у Йӕ бон ахӕм диссӕгтӕ аразын?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:2
11 Iomraidhean Croise  

Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.


Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад,


Ӕмӕ Галилейы ӕппӕт синагогӕты хъусын кодта Фарны Уац, адӕмы ирвӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй.


Уырдыгӕй Йесо ацыд Иудейы зӕхмӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызти. Адӕм та Йыл ногӕй ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ та сын иннӕ хӕттытау амыдта.


Чи Йӕм хъуыста, уыдон Ын иууылдӕр Йӕ зонд ӕмӕ дзуаппытыл дис кодтой.


Адӕмы ахуыр кодта сӕ синагогӕты, ӕмӕ Йын уыдон иууылдӕр кад кодтой.


Уыдон дзырдтой: «Ай Йосифы фырт Йесо нӕу, ӕви? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн“?»


Иудейӕгтӕ дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ахуыр куы никуы кодта, уӕд Сыгъдӕг Фыст куыд хорз зоны?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan