19 Иродиадӕ йӕм уый тыххӕй мӕсты кодта, йӕ амарынмӕ бӕллыд, фӕлӕ йӕ бон ницы уыди.
Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ.
Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.
Сымах бирӕ бӕргӕ федтат, фӕлӕ фиппайгӕ ницы кодтат, уӕ хъустӕ гом бӕргӕ уыдысты, фӕлӕ сӕ хъусгӕ нӕ кодтат.
Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.
Фӕлӕ Иродӕн йӕ гуырӕнбон куы уыди, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыди уазджыты раз. Ироды зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис,