Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр Йесойы кой кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Уый Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй растад ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:14
16 Iomraidhean Croise  

Йерусалимы скӕнын кодта диссаджы дӕсны арӕзт ӕхсӕнгӕрзтӕ дӕр, мӕсгуытӕй ӕмӕ сахары систы тигътӕй фӕттӕ ӕмӕ стыр дуртӕ ӕхсынӕн. Йӕ кой дардыл айхъуысти, уымӕн ӕмӕ бирӕ ӕххуыс райста, цалынмӕ йӕ хъомыс нӕ сырӕзти, уӕдмӕ.


Аммонӕгтӕ Озиайӕн фыстой хъалон, ӕмӕ йӕ номы кой айхъуысти суанг Мысыры арӕнтӕм, уымӕн ӕмӕ тынг хъомысджын сси.


Уыдон та ацыдысты ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой.


Ӕгас Галилейыл Йесойы кой уайтагъд айхъуысти.


Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.


Уыдон Ын загътой: «Иутӕ — Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ — Илийайыл, аннӕтӕ та — пехуымпартӕй иуыл».


Уыцы рӕстӕг Ӕм фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Дӕхи ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ айс, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы».


Уыцы цау ӕрцыди кесӕр Тиверийы паддзахиуӕджы фынддӕсӕймаг аз. Уӕд Понтий Пилат хицауиуӕг кодта Иудейы, Ирод — Галилейы, йе ’фсымӕр Филипп — Итурей ӕмӕ Трахониты, Лисани — Абилинийы,


Йесойы кой айхъуыст ӕгас Иудейы ӕмӕ йӕ алфамбылай.


Уыдон загътой: «Иутӕ — Аргъауӕг Иоанн, иннӕтӕ — Илийа, аннӕтӕ та зӕгъынц, незаманты пехуымпартӕй чидӕр райгас ис, зӕгъгӕ».


Бардарӕджы Фарны Уац сымахӕй анхъӕвзта канд Македонийыл ӕмӕ Ахайыл нӕ, фӕлӕ, Хуыцауыл куыд тынг ӕууӕндут, уыцы хабар бахӕццӕ алы ранмӕ дӕр, ӕмӕ ныр мах уый тыххӕй дзурын ницӕмӕнуал хъӕуы.


Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта ӕвдисӕйнӕгтӕй, Йӕ хъомысыл дзурӕг алыхуызон хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты ӕмӕ Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй бахай кодта, уыдонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan