13 Бирӕ дӕлимонтӕ-иу расырдтой, бирӕ рынчынты оливӕйы сойӕ сӕрстой ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтой.
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй адӕмы ахуыр кӕнынмӕ ӕрвитын райдыдта, ӕнӕзӕгъинӕгты сурыны тых сын радта
Ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы фӕстӕмӕ зӕрдӕрухсӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: «Хицау, Дӕ номӕй куы фӕзӕгъӕм, уӕд дӕлимонтӕ дӕр нӕ коммӕ бакӕсынц».