Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 6:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уӕм кӕм нӕ байхъусой, уырдыгӕй-иу куы рацӕйцӕуат, уӕд та-иу уӕ къӕхты рыг ацӕгъдут — азымджын кӕй сты, уый ӕвдисӕнӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 6:11
20 Iomraidhean Croise  

Ӕз мӕ рон, цыма мӕ хӕзнатӕ зӕхмӕ калын, афтӕ ӕрцӕгъдӕгау кодтон ӕмӕ загътон: «Йӕ дзырдӕн хицау чи нӕ разына, уыцы адӕймаджы дӕр Хуыцау раст афтӕ фӕхауӕггаг кӕнӕд йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йӕ исбонӕй, ӕмӕ мӕ ронау афтидӕй аззайӕд!» Иууылдӕр загътой: «Аммен!» ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Адӕм хицау разындысты сӕ дзырдӕн.


Зӕгъын уын: сӕ алы ӕнӕрхъуыды ныхасы тыххӕй дӕр адӕм Тӕрхоны Бон дзуапп ратдзысты.


Загъта ма сын: «Цы хӕдзары-иу ӕрфысым кӕнат, уым-иу баззайут, цалынмӕ уыцы сахарӕй нӕ рацӕуат, уӕдмӕ.


Кӕм уӕ не суазӕг кӕной, уыцы сахарӕй цӕугӕйӕ та-иу уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут — аххосджын кӕй сты, уый ӕвдисӕйнагӕн».


Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уе сӕфт уӕхи тыххӕй ӕрцӕудзӕн, ӕз сыгъдӕг дӕн ӕмӕ ныр муртаттӕгтӕм цӕуын».


Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ фестын кодта ӕртхутӕг, рахаста сын сыскъуыныны тӕрхон, фидӕны ӕнӕхуыцӕуттӕн уый зонды хос куыд уа, афтӕ;


Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,


Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх та уыцы ныхасӕй хъахъхъӕд цӕуынц артӕн — Тӕрхоны бон бабын уыдзысты уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕнӕхуыцӕуттӕ дӕр.


Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм Тӕрхоны Бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ.


Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan