9 Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый Йын загъта: «Мӕ ном — легион, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ стӕм».
Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».
Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?
Ӕмӕ лӕгъстӕ кодта Йесойӕн, цӕмӕй сӕ уыцы бӕстӕй ма фӕсура.
Йесойы размӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ, дӕлимонты легион кӕй мидӕг уыди, уыцы лӕг бады, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй. Ӕмӕ старстысты.
Афтӕ та уымӕн дзырдта, ӕмӕ йын Йесо загъта: «Ӕнӕзӕгъинаг, ныууадз ацы лӕджы».
Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый загъта: «Легион», уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ дӕлимонтӕ бацыд.