6 Йесойы дардмӕ куы ауыдта, уӕд Ӕм ӕрбазгъордта, Йӕ разы ныддӕлгом ис зӕххыл
цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.
Арвы ныхмӕ ныххӕлиу кодтой сӕ дзыхтӕ, ӕгас зӕххыл уырзӕй сгары се ’взаг.
Иудадзыг, ӕхсӕвӕй-бонӕй, йӕ хъӕрахст цыди зӕппӕдзтӕ ӕмӕ хӕхтӕй, йӕхи дуртыл хоста.
ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатырӕй, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!»
Бирӕты фервӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй, хӕйрӕджытӕ-иу, хъӕргӕнгӕ, ӕддӕмӕ рацыдысты: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.
Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Иууылбӕрзонд Хуыцауы цагъартӕ сты; уыдон уын фервӕзыны фӕндаг амонынц».
Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.