Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 5:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Йесо сын тынг ныффӕдзӕхста, ацы хабар мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн исты бахӕрын кӕной.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 5:43
15 Iomraidhean Croise  

Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый макӕмӕн дзурут».


Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Ӕмӕ сӕ цӕстытӕй ракастысты. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона».


Уыйадыл ӕй Йесо уырдыгӕй рарвыста. Карзӕй йын загъта:


Фӕлӕ сын Йесо тызмӕгӕй, Чи у, уый дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта.


Ӕмӕ чызг — цыдаид ыл иу дыууадӕс азы — уайтагъд фестад ӕмӕ йӕ къӕхтыл алӕууыд. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр стыр дисы бафтыдысты.


Уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы хабар макӕмӕн радзурой. Фӕлӕ сын цас тынгдӕр фӕдзӕхста, уыйас ӕй тынгдӕр айхъуысын кодтой.


Хохӕй куы ’рцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы федтой, уый, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ макӕмӕн радзурой.


Ӕмӕ Йесо фынгыл семӕ куы ӕрбадти, уӕд райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта.


Йесо йын бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Чызджы ныййарджытӕ стыр дисы бафтыдысты, фӕлӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цы ӕрцыди, уый макӕмӕн радзурут, зӕгъгӕ.


Мӕн адӕмӕй кад нӕ хъӕуы,


Ӕрмӕст ӕппӕт адӕммӕ нӕ, фӕлӕ махмӕ — Хуыцау раздӕр кӕй сӕвзӕрста, Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уый фӕстӕ Йемӕ чи хордта ӕмӕ нуӕзта, уыцы ӕвдисӕнтӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan