Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 5:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Ӕмӕ Йыл худтысты. Фӕлӕ Йесо се ’ппӕты дӕр ӕддӕмӕ рарвыста, Йӕхӕдӕг чызджы фыд, мад ӕмӕ Йе ’мбӕлццӕттимӕ сывӕллоны уатмӕ бацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 5:40
14 Iomraidhean Croise  

Лот ацыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ уыдонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.


Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»


Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!


Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ, дзыхӕй цы рацӕуы, уый».


Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.


Бацыди ӕмӕ сын загъта: «Цы маст кӕнут, цӕуыл кӕут? Сывӕллон мард нӕу, фынӕй кӕны».


Йӕ къухыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Талита, кум», ома: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст».


Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.


Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ райдыдтой худын, иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый тыххӕй дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan