38 Синагогӕйы хицауы хӕдзармӕ бацыдысты. Йесо дзы баййӕфта бирӕ адӕмы, кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ.
„Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ дзынӕзтат“.
Йесо сын уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд Ӕм ӕрбацыди хицӕуттӕй иу, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ныртӕккӕ амарди мӕ чызг, фӕлӕ цом, Дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уыдзӕни».
афтӕ Йӕм ӕрбацыди синагогӕйы хицӕуттӕй иу, Иаир, зӕгъгӕ. Йесойы куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста
Бацыди ӕмӕ сын загъта: «Цы маст кӕнут, цӕуыл кӕут? Сывӕллон мард нӕу, фынӕй кӕны».
Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон.