37 Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ.
Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Йаковы ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым хибарӕй уыдысты.
Йемӕ акодта Петры, стӕй Зеведейы дыууӕ фырты. Йӕхимидӕг райдыдта хъынцъым ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын.
Йемӕ акодта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны. Мӕлӕты тас бацыди Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын райдыдта.
Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта.
Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Йаков, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын.
Петр се ’ппӕты дӕр рарвыста уатӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад». Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадти.
Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа».