Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 5:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ ӕрбацыдысты йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы ма цы фӕлмӕцын кӕныс?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 5:35
13 Iomraidhean Croise  

Йесо бамбӕрста, цӕуыл дзурынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн къӕмдзӕстыг кӕнут сылгоймаджы? Уый Мӕнӕн хорз хъуыддаг сарӕзта.


Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут сахармӕ, иу лӕгмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг зӕгъы: Мӕ рӕстӕг ӕрӕввахс ис, ӕмӕ Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн“».


Йесо сын уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд Ӕм ӕрбацыди хицӕуттӕй иу, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ныртӕккӕ амарди мӕ чызг, фӕлӕ цом, Дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уыдзӕни».


Йесо Йӕ фӕндагыл дарддӕр куы араст, уӕд ма Йӕм иу чидӕр ӕрбазгъордта. Йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн цы саразон?»


афтӕ Йӕм ӕрбацыди синагогӕйы хицӕуттӕй иу, Иаир, зӕгъгӕ. Йесойы куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста


Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ чидӕр ӕрбацыди йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загъта: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы мауал тыхсын кӕн».


Марфӕ загъта Йесойӕн: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Марфӕ ацыди ӕмӕ аивӕй бамбарын кодта йӕ хо Мариайӕн: «Ахуыргӕнӕг ам ис ӕмӕ дӕм дзуры».


Йесо кӕм уыд, Мариа уырдӕм куы бахӕццӕ ис ӕмӕ Йӕ куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ загъта: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид».


Йесо загъта: «Айсут дур». Марды хо Марфӕ Йын загъта: «Хицау, мард афонмӕ сысмаг ис. Ныр цыппар боны зӕппадзы ис».


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan