Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 5:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Сылгоймаг, цы йыл ӕрцыди, уый зонгӕйӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди Йесомӕ, Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ Йын алцы дӕр, куыд уыди, афтӕ радзырдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 5:33
10 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи — нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн мыггагмӕ! Равдис Дӕ рӕстдзинад, фервӕзын мӕ кӕн!


Уыдон стыр тасы бацыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»


Фӕлӕ Йесо, чи Йыл андзӕвыд, уыцы сылгоймаджы адӕмы ’хсӕн цӕстӕй агуырдта.


Уӕд ын Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у».


Захариа йӕ куы ауыдта, уӕд стыр дисы бафтыд ӕмӕ тынг фӕтарсти.


Мариа тынг бадис кодта ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылд, уӕдӕ уыцы ныхӕстӕ цы амонынц, зӕгъгӕ.


Сылгоймаг, кӕй нӕ басусӕг, уый куы бамбӕрста, уӕд Ӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди ӕмӕ йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста. Афтӕ цӕмӕн бакодта ӕмӕ Йыл куы бандзӕвыд, уӕд уайтагъд куыд адзӕбӕх ис, уый ӕппӕт адӕмы раз радзырдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan