Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 5:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын дзуапп радтой: «Адӕм Дӕ алырдыгӕй куыд ӕлхъивынц, уый уыныс, уӕддӕр ма фӕрсыс, чи Мыл андзӕвыди, зӕгъгӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 5:31
5 Iomraidhean Croise  

Йесо араст ис йемӕ. Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм ӕмӕ Йӕ алырдыгӕй уынгӕг кодтой.


Уыцы уысм Йесо, тых Дзы кӕй рацыди, уый банкъардта, адӕммӕ разылд ӕмӕ бафарста: «Чи Мын андзӕвыд Мӕ дарӕсыл?»


Фӕлӕ Йесо, чи Йыл андзӕвыд, уыцы сылгоймаджы адӕмы ’хсӕн цӕстӕй агуырдта.


Йесо бафарста: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ адӕмӕй куы ничи састи, уӕд Ын Петр загъта: «Ахуыргӕнӕг, адӕм Дыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ӕмӕ Дӕ алырдыгӕй ӕрбалхъывтой».


Бон изӕры ’рдӕм куы фӕкъул ис, уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ Йын загътой: «Ауадз адӕмы хӕстӕг хъӕутӕм, цӕмӕй уым бахсӕвиуат кӕной ӕмӕ сӕхицӕн хойраг самал кӕной. Уымӕн ӕмӕ мах ам фӕсвӕд ран стӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan