3 Уый царди зӕппӕдзты, ӕмӕ йӕ суанг рӕхыстӕй сбӕттын дӕр ничи фӕрӕзта,
бадынц зӕппӕдзты ӕмӕ ӕхсӕвиуат кӕнынц лӕгӕтты. Хӕрынц хуыйы фыд, сӕ мигӕнӕнты дарынц ӕлгъаг, нӕфӕтчиаг бас.
Йесо куыддӕр бӕлӕгъӕй рахызт, афтӕ уӕлмӕрдтӕй Йӕ размӕ рацыди хӕйрӕджджын лӕг.
уымӕн ӕмӕ-иу ыл бирӕ хӕттыты хъадамантӕ бакодтой ӕмӕ-иу ӕй рӕхыстӕй сбастой, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу йӕ хъадамантӕ ныссаста. Йӕ басӕттыны хъару никӕмӕ уыди.
Уымӕн ӕмӕ Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн бардзырд радта, цӕмӕй уыцы адӕймагӕй рацӕуа. Ӕнӕзӕгъинаг ӕй рагӕй тухӕнӕй мардта. Йӕ къухтӕ ӕмӕ-иу ын йӕ къӕхтӕ рӕхыстӕй сбастой, хъахъхъӕдтой йӕ, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу алыгъди, дӕлимон ӕй ӕдзӕрӕг рӕттӕм сырдта.