22 афтӕ Йӕм ӕрбацыди синагогӕйы хицӕуттӕй иу, Иаир, зӕгъгӕ. Йесойы куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста
Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой Сывӕллоны, Йӕ мад Мариаимӕ; сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ Йын бакуывтой. Уый фӕстӕ систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын Йӕ размӕ бахастой сӕ лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.
Сылгоймаг, цы йыл ӕрцыди, уый зонгӕйӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди Йесомӕ, Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ Йын алцы дӕр, куыд уыди, афтӕ радзырдта.
Синагогӕйы хицауы хӕдзармӕ бацыдысты. Йесо дзы баййӕфта бирӕ адӕмы, кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ.
Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты ис, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Кусынӕн ис ӕхсӕз боны, гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та — нӕ».
Симон Петр уый куы федта, уӕд Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».
Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ баппӕрста ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хъизӕмарӕй ма мар!»
Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».
Уӕд иууылдӕр синагогӕйы хицау Сосфеныл сӕхи ныццавтой ӕмӕ йӕ тӕрхондоны раз нӕмын райдыдтой. Фӕлӕ Галлион уый хъуыды дӕр не ’ркодта.
Синагогӕйы хицау Крисп йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ баууӕндыд Йесойыл. Коринфӕгтӕй Павелмӕ чи байхъуыста, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой.
Ӕз, Иоанн, федтон ӕмӕ фехъуыстон ӕппӕт уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд бакувынмӕ мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, уыдӕттӕ мын чи ӕвдыста, уыцы зӕды къӕхты раз.