21 Йесо бӕлӕгъы фӕстӕмӕ денджызы иннӕ фарсмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд Йӕ алыварс ӕрбамбырд ис бирӕ адӕм. Денджызы был ма уыди,
Уӕд Йесо сбадти бӕлӕгъы, ахызти фаллаг фарсмӕ ӕмӕ Йӕ райгуырӕн сахармӕ ӕрбацыд.
Ӕмӕ та Йесо денджызы был ногӕй адӕмы райдыдта ахуыр кӕнын. Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр былгӕрон уыдысты.
Ахуыргӕнинӕгтӕ ауагътой адӕмы, Йесоимӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ араст сты. Адӕм дӕр бӕлӕгъты рацыдысты Йӕ фӕдыл. Уым ма уыди ӕндӕр бӕлӕгътӕ дӕр.
Йесо куыддӕр бӕлӕгъӕй рахызт, афтӕ уӕлмӕрдтӕй Йӕ размӕ рацыди хӕйрӕджджын лӕг.
Йесо фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд адӕм рацыдысты Йӕ размӕ, уымӕн ӕмӕ Йӕм се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты.