20 Уый ацыд ӕмӕ Дӕссахарыл айхъуысын кодта, Йесо йын цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты.
Галилей, Дӕссахар, Йерусалим, Иудей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс цы адӕм царди, уыдон къордтӕй Йӕ фӕдыл цыдысты.
Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон.
Тирӕй фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ, Йесо йӕ фӕндаг акодта Сидоныл ӕмӕ Дӕссахары уылты рахызти Галилейаг денджызы былмӕ.