Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 5:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Йесо куыддӕр бӕлӕгъӕй рахызт, афтӕ уӕлмӕрдтӕй Йӕ размӕ рацыди хӕйрӕджджын лӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 5:2
13 Iomraidhean Croise  

бадынц зӕппӕдзты ӕмӕ ӕхсӕвиуат кӕнынц лӕгӕтты. Хӕрынц хуыйы фыд, сӕ мигӕнӕнты дарынц ӕлгъаг, нӕфӕтчиаг бас.


Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг ӕмӕ хъӕр систа:


Ӕнӕзӕгъинаг ныууыгъта уыцы адӕймаджы, ныцъцъӕхахст кодта ӕмӕ дзы рацыди.


Йесо афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ чидӕртӕ дзырдтой, цыма йӕ мидӕг ис ӕнӕзӕгъинаджы уд.


Ӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын бӕлӕгъ цӕттӕйӕ дарой, уымӕн ӕмӕ Йӕм адӕм ӕмгуылф кодтой.


Ӕмӕ та Йесо денджызы был ногӕй адӕмы райдыдта ахуыр кӕнын. Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр былгӕрон уыдысты.


Ахуыргӕнинӕгтӕ ауагътой адӕмы, Йесоимӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ араст сты. Адӕм дӕр бӕлӕгъты рацыдысты Йӕ фӕдыл. Уым ма уыди ӕндӕр бӕлӕгътӕ дӕр.


Йесо бӕлӕгъы фӕстӕмӕ денджызы иннӕ фарсмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд Йӕ алыварс ӕрбамбырд ис бирӕ адӕм. Денджызы был ма уыди,


Уый царди зӕппӕдзты, ӕмӕ йӕ суанг рӕхыстӕй сбӕттын дӕр ничи фӕрӕзта,


Афтӕ та уымӕн дзырдта, ӕмӕ йын Йесо загъта: «Ӕнӕзӕгъинаг, ныууадз ацы лӕджы».


Йесойы ӕрбацыды кой уайтагъд фехъуыста, йӕ чызг хӕйрӕджы ахӕсты кӕмӕн уыд, иу ахӕм сылгоймаг. Уый ӕрбацыд ӕмӕ Йӕ къӕхтӕм ӕрӕппӕрста йӕхи.


Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд Йӕ размӕ фӕци, раздӕр хӕстӕг сахары чи цард, ахӕм хӕйрӕджджын лӕг. Уый рагӕй дӕр дарӕс нӕ дардта, царди хӕдзары нӕ, фӕлӕ зӕппӕдзты.


Лӕппу Йесомӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ йӕ дӕлимон зӕххыл ныццавта, ӕмӕ уый йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдын райдыдта. Фӕлӕ Йесо бардзырд радта ӕнӕзӕгъинагӕн, сдзӕбӕх кодта лӕппуйы ӕмӕ йӕ стӕй йӕ фыды бар ныууагъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan