19 Фӕлӕ Йесо не сразы ис ӕмӕ йын загъта: «Ацу хӕдзармӕ, дӕ бинонтӕм. Радзур сын, Дунедарӕг дын цы сарӕзта ӕмӕ дын куыд батӕригъӕд кодта, уый».
Нееман паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын израилаг чызджы ныхас рафӕзмыдта.
Уый ацыд ӕмӕ Дӕссахарыл айхъуысын кодта, Йесо йын цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты.
«Аздӕх дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта, уый». Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ ӕгас сахары хъусын кодта, Йесо йын цы хорздзинад ракодта, уый.
«Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»