17 Уӕд ӕрхатыдысты Йесомӕ, цӕмӕй сӕ зӕххӕй ацӕуа.
Авимелех Исаакӕн загъта: «Ацу нӕ цурӕй, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар стыхджындӕр дӕ махӕй».
уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»
Сахары цӕрджытӕ иууылдӕр рацыдысты Йесойы размӕ. Куы Йӕ федтой, уӕд Ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕ зӕххӕй ацӕуа.
«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».
ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатырӕй, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!»
Симон Петр уый куы федта, уӕд Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».
Уӕд Герасины алфамбылай цӕрджытӕ иууылдӕр стыр тасы бацыдысты ӕмӕ Йесойӕ куырдтой, цӕмӕй уырдыгӕй ацӕуа. Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхти.
Ӕрцыдысты сӕм ӕмӕ сӕ хатыр ракуырдтой. Ракодтой сӕ ахӕстонӕй ӕмӕ сӕм ныххатыдысты, цӕмӕй сахарӕй ацӕуой.
Фӕлӕ цӕмӕн хъуамӕ амӕлӕм ныр? Ацы пиллон арт нӕ аныхъуырдзӕн ӕмӕ амӕлдзыстӕм, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс ма куы фехъусӕм, уӕд.