Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 4:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Иннӕтӕ та ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл. Сӕхиуыл куы схӕцыдысты ӕмӕ рӕз куы схастой, уӕд тыллӕг радтой: иутӕ — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты, иннӕтӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕтӕ та — фондзыссӕдз хатты фылдӕр».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 4:8
21 Iomraidhean Croise  

Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.


Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!


— Ау, Мӕ ныхас арты, къӕдзӕхсӕттӕг дзӕбуджы хуызӕн нӕу? — зӕгъы Дунедарӕг.


Бӕзнаг мӕрыл кӕй байтыдӕуыд, уый ӕнгӕс та сты, ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ бамбары, уыдон; ӕмӕ сӕ иу ратты фондзыссӕдз хатты, иннӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр пайда».


Иннӕтӕ та ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл ӕмӕ радтой тыллӕг: иутӕ — фондзыссӕдз хатты, иннӕтӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕтӕ та — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр.


Бӕзнаг мӕрыл цы нӕмгуытӕ байтыдӕуыд, уыдон та сты, ныхас чи фехъусы, йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, ахӕм адӕймӕгтӕ: сӕ иу пайда ратты дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты, иннӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та — фондзыссӕдз хатты фылдӕр».


Цасдӕр дзы ӕрхауди сындзыты ӕхсӕн; сындзытӕ сырӕзтысты ӕмӕ сӕ фӕбынӕй кодтой, ӕмӕ нӕмгуытӕ тыллӕг нӕ радтой.


Ӕмӕ ма сын ноджы загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»


Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц.


Фӕлӕ тауинаджы иу хай ӕрхауди бӕзнаг мӕрыл, нӕмгуытӕ сзадысты ӕмӕ радтой, цы уыдысты, уымӕй фондзыссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг». Йесо уыцы ӕмбисонд ӕрхаста ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»


Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та — къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы аразын у.


Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у ӕви йӕ Ӕз Мӕхи номӕй дзурын, уый.


Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы Дзырдмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.


Ӕппӕт бӕстыхайӕн Уый у йӕ бындур, ӕмӕ афтӕмӕй рӕзы, Бардарӕджы рухс Кувӕндон куыд суа, афтӕ.


Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.


Уыцы Уац ӕрхӕццӕ ис сымахмӕ, ӕмӕ, ӕппӕт дунейы куыд ӕнтыстджын у ӕмӕ парахат кӕны, афтӕ йын ӕнтысы сымахмӕ дӕр, Хуыцауы хорзӕх ӕцӕгӕйдӕр цавӕр у, ахӕмӕй йӕ куы фехъуыстат ӕмӕ куы базыдтат, уӕдӕй фӕстӕмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan