Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 4:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕрхауди дзы, сыджыт фаг кӕм нӕ уыдис, ахӕм дурджын ран дӕр, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх арф нӕ уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 4:5
11 Iomraidhean Croise  

Ӕз сын иу зӕрдӕ ратдзынӕн, ног уд сын бавӕрдзынӕн сӕ мидӕг. Сӕ риуӕй сын дур зӕрдӕ стондзынӕн ӕмӕ сын дзы цардӕгас зӕрдӕ бавӕрдзынӕн,


Ӕз уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ, ног уд уын бавӕрдзынӕн уӕ мидӕг. Уӕ риуӕй уын дур зӕрдӕ райсдзынӕн ӕмӕ уын сӕрныллӕг зӕрдӕ ратдзынӕн.


Рӕстдзинад таут ӕмӕ уӕхицӕн хорзӕх ӕркӕрдат. Ӕгайнӕг зӕхх афӕлдахут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ӕрцагурынӕн афон у, цӕмӕй, куы ’рцӕуа, уӕд уыл рӕстады къӕвда ӕруадза.


Бӕхтӕ къӕдзӕхтыл фезгъорынц? Галтӕй йӕ бахуым кӕнӕн ис? Сымах та раст тӕрхон фестын кодтат марг, рӕстдзинады дыргъ — скъӕлдзо!


Дурджын ран цы байтыдӕуыд, уый та амоны, ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ уайтагъд йӕ зӕрдӕмӕ, цингӕнгӕ, чи айсы, ахӕм адӕймагмӕ.


Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой.


Фӕлӕ хур куы скасти, уӕд сӕ асыгъта, ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сӕ уидаг фидар нӕ уыд.


Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, ӕхсызгонӕй йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты — рӕстӕгмӕ ӕууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад уайтагъд фӕцыдӕр вӕййы.


Нӕмгуытӕй ӕрхауди дурджын ран дӕр ӕмӕ, куы сӕвзӕрдысты, уӕд бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын дон фаг нӕ уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan