41 Уыдон стыр тасы бацыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»
загътон ын: „Ардӕмты дын бар ис, дарддӕр та нӕ, дӕ сӕрыстыр уылӕнтӕн ацы ран у сӕ арӕн“.
Уымӕн ӕмӕ мах Дӕ азарӕй фесӕфӕм, Дӕ маст ныл ӕвирхъау тас ӕфтауы.
Мӕ фидыды йын Ӕз балӕвар кодтон цард ӕмӕ амонд, ӕмӕ йын дыууӕ дӕр радтон, цӕмӕй Мын кад кӕна, Мӕ номы раз Мын аргъуыц кӕна, уый тыххӕй.
Ӕмӕ бӕлӕгъмӕ куы бахызтысты, уӕд дымгӕ дӕр банцади.
Иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ дзырдтой: «Уый Чи у, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»
Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Ныр дӕр ма уӕ нӕ уырны?»
Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Герасины бӕстӕм.
Сылгоймаг, цы йыл ӕрцыди, уый зонгӕйӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди Йесомӕ, Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ Йын алцы дӕр, куыд уыди, афтӕ радзырдта.
Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ дзырдтой: «Хорз кӕны алцы дӕр: къуырматӕн дӕр байгом кӕны сӕ хъустӕ, къуыттыты дӕр сдзурын кӕны».
Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Цавӕр хъомыс ӕмӕ тых ис Йӕ ныхасы? Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ Йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ хӕйрӕджджынты ныууадзынц ӕмӕ ӕддӕмӕ рахизынц».
Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты ӕмӕ, дисгӕнгӕ, кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?»
Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.
Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Дунедарӕг, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».
Ӕрмӕст тӕрсут Дунедарӕгӕй, рӕстӕй, зӕрдиагӕй Йын кувут. Уӕ зӕрдыл дарут, цы стыр хӕрзты уын бацыд, уый.