Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 4:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Ныр дӕр ма уӕ нӕ уырны?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 4:40
10 Iomraidhean Croise  

Хъӕзы фаст зӕнг не ’рбасӕтдзӕн ӕмӕ ахуыссынӕввонг цырагъ нӕ бамынӕг кӕндзӕн. Ӕцӕг, Уый раст тӕрхон рахӕсдзӕн.


Доны сӕрты ахизын уӕ куы хъӕуа, уӕд уыдзынӕн уемӕ, цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизат, уӕд нӕ фӕдӕлдон уыдзыстут. Арты сӕрты хизгӕйӕ, уӕхи басудздзыстут ӕмӕ уӕ арт нӕ ацараудзӕн.


Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, схӕцыди йыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъуырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»


Йесо бамбӕрста, сӕ ныхас цӕуыл у, уый ӕмӕ сын загъта: «Лӕмӕгъуырнджытӕ, дзул уӕм кӕй нӕй, уый кой цӕмӕн кӕнут?


Абон чи ис, райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы быдираг зайӕгхалы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах ӕнӕ дарӕсӕй куыд ныууадздзӕни, лӕмӕгъуырнджытӕ!


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Уыдон стыр тасы бацыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты ӕмӕ, дисгӕнгӕ, кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan