Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 4:38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

38 Йесо та бӕлӕгъы кӕрон фынӕй кодта, Йӕ сӕр бӕлӕгъы базыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй. Райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, сӕфгӕ куы кӕнӕм, уӕд ныл Ды цӕуылнӕ мӕт кӕныс?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 4:38
22 Iomraidhean Croise  

Ӕркӕс уӕларвӕй, Дӕ кадджын ӕмӕ Дӕ уаз бынатӕй! Кӕм ис Дӕ уарзондзинад, Дӕ хъомыс? Куы ницыуал Дын уынӕм Дӕ бирӕ хӕрзтӕй, Дӕ хорзӕхтӕй!


О Дунедарӕг, ӕппӕт уыдӕттӕ Дӕм ӕгъгъӕд нӕ кӕсынц, ӕви? Кӕдмӕ лӕудзынӕ хъусӕй ӕмӕ нӕ афтӕ тынг кӕдмӕ ӕфхӕрдзынӕ?


Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын: мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.


Уыйадыл Ӕм сӕ ахуыргӕнинӕгты барвыстой Ироды фарсхӕцджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгады фӕткыл кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс.


Уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!»


Ӕвиппайды уаддымгӕ сыстад. Уылӕнтӕ бӕлӕгъыл сӕхи цавтой, ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта.


Йесо сыстади, уад басабыр кодта ӕмӕ денджызӕн загъта: «Ӕрӕнцай, ныссабыр у!» Уад банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм!» Йесо сыстади, уад ӕмӕ уылӕнтӕн бардзырд радта, ӕмӕ банцадысты. Бӕстӕ ныссабыр.


Уым уыди Йаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад ӕмӕ цъайы цур ӕрбадти. Уыдис ӕмбисбонмӕ ӕввахс.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Уе ’ппӕт сагъӕстӕ бакӕнут Йӕ бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ мӕт сымахыл у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan