37 Ӕвиппайды уаддымгӕ сыстад. Уылӕнтӕ бӕлӕгъыл сӕхи цавтой, ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта.
«Цыдӕриддӕр ӕм ис, уымӕй дӕ бар ис, — загъта Дунедарӕг, — фӕлӕ йын йӕхимӕ ма февнал». Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй.
Ӕвиппайды ӕдзӕрӕг быдырӕй тыхдымгӕ ӕрбацыди, хӕдзары цыппар фисынмӕ фӕлӕбурдта. Хӕдзар ныккалдис ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕмард сты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
Фӕлӕ Дунедарӕг денджызы тыхджын дымгӕ ауагъта, ӕвирхъау уад сыстад, нау гӕбазгай куы ныппырх уа, уымӕй тӕссаг сси.
Ахуыргӕнинӕгтӕ ауагътой адӕмы, Йесоимӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ араст сты. Адӕм дӕр бӕлӕгъты рацыдысты Йӕ фӕдыл. Уым ма уыди ӕндӕр бӕлӕгътӕ дӕр.
Йесо та бӕлӕгъы кӕрон фынӕй кодта, Йӕ сӕр бӕлӕгъы базыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй. Райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, сӕфгӕ куы кӕнӕм, уӕд ныл Ды цӕуылнӕ мӕт кӕныс?»
Фӕлӕ бахаудтой донбылмӕ, ӕмӕ нау тӕнӕджы ныссагъди. Йӕ фындз аныгъуылди зӕххы ӕмӕ нал змӕлыд, йӕ фӕрстӕ та йын уылӕнтӕ пырх кодтой.
ӕртӕ хатты мыл лӕдзджытӕй ӕрцыдысты; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн, ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны мидӕг, арвыстон.