Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 4:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Ахуыргӕнинӕгтӕ ауагътой адӕмы, Йесоимӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ араст сты. Адӕм дӕр бӕлӕгъты рацыдысты Йӕ фӕдыл. Уым ма уыди ӕндӕр бӕлӕгътӕ дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 4:36
8 Iomraidhean Croise  

Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт, ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бахызтысты Йӕ фӕдыл.


Ӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын бӕлӕгъ цӕттӕйӕ дарой, уымӕн ӕмӕ Йӕм адӕм ӕмгуылф кодтой.


Ӕмӕ та Йесо денджызы был ногӕй адӕмы райдыдта ахуыр кӕнын. Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр былгӕрон уыдысты.


Ӕвиппайды уаддымгӕ сыстад. Уылӕнтӕ бӕлӕгъыл сӕхи цавтой, ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта.


Йесо куыддӕр бӕлӕгъӕй рахызт, афтӕ уӕлмӕрдтӕй Йӕ размӕ рацыди хӕйрӕджджын лӕг.


Йесо бӕлӕгъы фӕстӕмӕ денджызы иннӕ фарсмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд Йӕ алыварс ӕрбамбырд ис бирӕ адӕм. Денджызы был ма уыди,


Йесо ӕмӕ апостолтӕ бӕлӕгъы иунӕгӕй хибар ранмӕ араст сты.


Иу хатт Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады иннӕ фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan