Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 4:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Уыцы бон изӕрӕй Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахизӕм денджызы фаллаг фарсмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 4:35
11 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты сбадын кодта бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ Йӕ разӕй арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ. Йӕхӕдӕг уал уым баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ.


Йесо Йӕ алыварс бирӕ адӕм куы федта, уӕд загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй Йемӕ ахизой денджызы фаллаг фарсмӕ.


Йесо бӕлӕгъы фӕстӕмӕ денджызы иннӕ фарсмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд Йӕ алыварс ӕрбамбырд ис бирӕ адӕм. Денджызы был ма уыди,


Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бӕлӕгъы сбадын кодта ӕмӕ сӕ арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ, Йӕхӕдӕг та уал уым баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ.


Уыйадыл сӕ ныууагъта, фӕстӕмӕ бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ араст ис денджызы иннӕ фарсмӕ.


Иу хатт Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады иннӕ фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты.


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты ӕмӕ, дисгӕнгӕ, кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?»


Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.


сбадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ араст сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Капернауммӕ. Баталынг ис, фӕлӕ Йесо семӕ нӕма уыд.


Ӕмӕ Йӕ денджызы фаллаг фарс куы ссардтой, уӕд Ӕй бафарстой: «Равви, кӕд ӕрбацыдтӕ ардӕм?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan