24 Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Цы хъусут, ууыл-иу ахъуыды кӕнут. Цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр ӕмӕ ма уын ыл ноджыдӕр бафтаудзысты.
Мӕ лӕппу! Зондамындмӕ куынӕ хъусай, уӕд ӕнӕ бацамындӕй фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: кӕд уӕ удӕгасӕй баззайын фӕнды, уӕд сабаты Йерусалимы кулдуӕртты уылты мацы хӕссут.
уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.
Уалынмӕ фӕзындис ӕврагъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти: «Ай Мӕ уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».
Уӕдӕ, куыд хъусут, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсут, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕн та, ис мӕм, зӕгъгӕ, ӕнхъӕл цӕмӕй у, уый дӕр байстӕуыдзӕн».
Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.
Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты.
Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы Дзырдмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.
Уӕ зӕрдыл дарут: чъынды тауӕгӕн йӕ хор дӕр мӕгуырау уыдзӕни, рӕдауӕй чи тауы, уымӕн та йӕ хор тугыл аскъуыйдзӕн.
Уӕдӕ, цы фехъуыстам, уымӕ хъуамӕ уӕлдай ӕргом здахӕм, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уӕм.
Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг монон сыгъдӕг ӕхсыр — рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.