2 Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ фӕцамыдта, ахуыр сӕ кодта:
Уый сиды арвмӕ ӕмӕ зӕхмӕ — Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ:
Мӕргътӕн холыйӕн радтой Дӕ цагъарты мӕрдтӕ, хъӕддаг сырдтӕн — Дӕ сыгъдӕджыты буӕрттӕ.
Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ӕмбисӕндтӕй сын цӕмӕн амоныс?»
Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ цыдӕртӕ амыдта, ахуыр сӕ кодта: «Мӕнӕ хортауӕг хуыммӕ рацыди.
Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад,
Уырдыгӕй Йесо ацыд Иудейы зӕхмӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызти. Адӕм та Йыл ногӕй ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ та сын иннӕ хӕттытау амыдта.
Йесо адӕмӕн райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Иу лӕг сӕндон скодта. Йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, сӕндуцӕн дзы скъахта, хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, стӕй кусджытӕ баххуырста ӕмӕ йӕ уыдоны бар бакодта, йӕхӕдӕг балцы ацыди.
Ӕмӕ сӕ Йесо ахуыр кодта: «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын;
Йесо сӕм фӕсидти ӕмӕ сын райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Сайтан куыд хъуамӕ расура сайтаны?
Йесо сын загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинад зонын, уыдонӕн та, ӕддагӕттӕн, ӕппӕт дӕр фӕсномыгӕй амындӕуы,
«Ӕрбайхъусут-ма: мӕнӕ хортауӕг тауынмӕ рацыд.
Ныр алчер та Йесойы фарста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ ахуырады тыххӕй.